Равдыстыты дунеон центр «Минводы ЭКСПО»-йы фæзыл райдыдта Кавказаг инвестицион форумы
Равдыстыты дунеон центр «Минводы ЭКСПО»-йы фæзыл райдыдта Кавказаг инвестицион форумы кæронбæттæн бон. Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин бабæрæг кæндзæн Цæгат Ирыстоны стенд. Уымæй уæлдай ма абоны программæйы - кусæг фембæлдтытæ, иннæ регионтимæ фæлтæрддзинадæй дих, Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон райрæзты фарстаты фæдыл хицауады къамисы æмбырд. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы хъусын кæны Сергей Меняйло. Уымæй уæлдай ма сæргълæууæг архайдзæн ТАСС-ы "Комкоммæ ныхас"-ы. Республикæйы разамонæг радзурдзæн Цæгат Кавказы райрæзты, адæмты иудзинады æмæ регионы экономикон хъомысы тыххæй. Ахсджиаг фембӕлдтыты бӕлвырддзинӕдтӕ ӕмӕ, цы бадзырдтӕ бафыста Цæгат Ирыстон, уыдоны тыххæй кӕсут нӕ радон равдыстыты.